Фæндæгтыл цæлхдуртæ
Рахизфарсы районы администрацимæ арæх Беслæны цæрджытæ хъæстмæ æрбацæуынц. Сæ горæты фæндæгты уавæрæй сæ зæрдæ æппындæр нæ рухс кæны. Хицауад куыд зæгъы афтæмæй ацы фарстаимæ зонгæ сты, фæлæ фыццаджыдæр цалцæг кæнынц сæйраг уынгтæ æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис уыцы уагдæттæм бацæуæнтæ. Ахæм дзуаппимæ бирæтæ разы не `сты. Цъыф кæдмæ ссæнддзысты, уый базонын сæ фæнды. Нæ дарддæры æрмæг Беслæнæй. Беслæны уынгтæй иуы цæрджытæ ныр цалдæр азы хъаст кæнынц сæ фæндаджы уавæрæй. Се `хсæн Мæргъиты Зæринæ дæр. Куыд зæгъы афтæмæй, йæ бахъæуы цъыф ссæндгæйæ цæуын. Уый ма ницы, фæлæ хæдзармæ бахауын изæрыгон бынтон зын вæййы. Уынджы рухсы цъырт никуыцæй кæлы. Рахизфарсы районы администрацийы нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй сæм ацы уынджы асфальт сæвæрынмæ бюджеты æхцайы фæрæзтæ нæй. Фæлæ дзырд раттой æппæты заууатдæр бынæтты фæндагмæ кæй базилдзысты,уымæй. Зæгъæм хуыр æркалдзысты. Рахизфарсы районы фæндæгтæ сцалцæг кæнынмæ радих кæндзысты 40 милуан сомы. Уыцы æхцайы фæрæзтæй æрмæст асфальт нæ сæвæрдзысты фæлæ ма дзыхъытæ дæр бампъуздзысты. Фыццаджыдæр банывыл кæндзысты скъолатæм,рæвдауæндæттæм æмæ медицинон уагдæттæм бацæуæнтæ. Уæдæ æхсæнадон транспортæй дæр адæм разы не `сты. Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц цæмæй Дзæуджыхъæумæ схæццæ уай,уый тыххæй маршутон такси не `ссардзынæ. Беслæны ацы районы цæрджытæ горæтмæ ссæуынмæ бахъæуы Беслæны центрмæ такси æххуырсын. Бынæттон администрацийы фарстайы тыххæй зонынц, куыд зæгъынц афтæмæй аразынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ йæ аиуварс кæнынмæ. Фæлæ æхсæнадон транспорт кæцы уынгтыл цæудзысты,уый бæрæг нæу. Цæмæй автобустæ цæуын райдайой ,уый тыххæй фыццаджыдæр хъæуы маршруты пълан саразын. Уымæй уæлдай ма транспортон компани равзарын дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæндæгтыл цæлхдуртæ
Категория:
Новости и СМИ