Адæмæн тæссаг нæу
16 июны тæссаг уавæр сæвзæрд Æрыдойнаг уынджы бирæуæладзыгон хæдзары. Йæ цæрджытæ æвæстиатæй бадзырдтой республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæм. Фатертæй иу кæм уыд, уыцы ран хæдзары къул афаз æмæ йæ зыхъыр сахатæй-сахатмæ стырдæр кодта. Æрыдойнаг уынджы цæрджыты ирвæзынгæнджытæ уынгмæ ракодтой. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ хъуыддагмæ æркæсгæйæ хатдзæг скодтой – къулы фаз адæмæн тæссаг нæу. Бæстыхай кæуыл æнцайы, уыцы къултæй хъыгдард никæцы баййæфта. Къул кæм аскъуыд, уыцы бынат специалисттæ райхæлдтой. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы къуыри дзуапдæттæг компани «Мегаполис» райдайдзæн æддаг къулы цалцæггæнæн куыстытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæмæн тæссаг нæу
Категория:
Новости и СМИ