Тырмоны фæдзæхст ранмæ æрбаластой 15 саджы
Дыгуры район уæздан цæрæгойтæй фæхъæздыгдæр. Тырмоны фæдзæхст ранмæ æрбаластой 15 саджы. Сарæзтой сын æппæт хъæугæ уавæртæ. Тагъд хъуамæ бынæттон климат æмæ æрдзыл фæцахуыр уой. Сагты сластой Ростовы областæй. Социалон-экологон акци сарæзта республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрад. Профилон уагдоны разамонæг Мамиаты Чермены ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц сагты нымæц республикæйы фæфылдæр кæныны тыххæй. Сагты дардзысты æрдзмæ хæстæг уавæрты. Уымæ гæсгæ сын æнцондæр уыдзæн æрбынат кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Тырмоны фæдзæхст ран ивгъуыд аз декабры суагътой 11 саджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тырмоны фæдзæхст ранмæ æрбаластой 15 саджы
Категория:
Новости и СМИ