Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлыд республикæйы цæрджытимæ
Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлыд республикæйы цæрджытимæ. Радон хатт сын байхъуыста сæ фарстатæм. Министр адæмимæ ныхасы рæстæг æрбахуыдта дæлхайæдты разамонджыты æмæ сын бабар кодта адæмы тыхст фарстатæм бæрнонæй æркæсын. Уыдоны нымæц та бирæ уыд. Сæ сæйрагдæртæ баст уыдысты мидхъуыддæгты министрады слестгæнджыты куыстимæ. Суанг ма дзы, Мидхъуыддæгты министрадмæ бар чи нæ дары, ахæмтæ дæр разынд. Уыдонæн министр закъоны домæнтæ йæхæдæг амыдта. Фарстаты ’хсæн - Уæрæсейы цæрыны æвдисæндар райсыны æмæ куыст ссарыны фарста. Зæгъæм, Терчы хъазахъхъæгты æфсады атаман расидт, цæмæй Георгийы номыл кавалертæн сæвæрой цыртдзæвæн. Адæмæй бирæтæ æрбацыдысты министрæн бузныг зæгъынмæ, Ирыстоны сабырдзинадыл удуæлдайæ кæйц архайы, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлыд республикæйы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ