Дохтырты куыст чи хъыгдара, уыцы шофырты æфхæрдзысты карздæрæй
Уæрæсейы фæкарздæр кодтой, тагъд æххуысы хæдтулгæтæн фæндаг чи нæ радта, уыдоны æфхæрыны мадзæлттæ. Дохтыртæн сæ куыст къуылымпы чи кæна, кæнæ та тагъд æххуысы хæдтулгæтæн фæндаг чи нæ радта, уыдоны ныхмæ закъон абон йæ тыхы бацыд. Уый тыххæй хъусын кæны информацион агентад ТАСС. Нæ бæстæйы Уголовон Кодексы фæзынд ног статья. Ныр медицинон кусæджы йæ куысты чи бахъыгдара, æмæ уый уæззау фæстиуджытæм куы расайа, уæд закъонхалæджы сбадын кæндзысты фыццаг уагхæлдмæ гæсгæ - 2 азы, дыккагмæ гæсгæ та - 4 азы онг. Уымæй уæлдай ма уголовон кодексы фæуæрæхдæр ис æнæниздзинадæн рог хъыгдард бавзарын кæныны, стæй марынæй æртхъирæн æмæ æнæниздзинадæн уæззау хъыгдард ракæныны тыххæй статьяты хъомыс. Йæ куысты уæлхъус æмæ æхсæнадон хæс æххæст кæнгæйæ адæймаг, кæнæ йæ хиуæттæ хъыгдард куы баййафой, уæд закъонхалæджы `фхæрды домæнтæ фæкарздæр уыдзысты. 115-æм статьямæ гæсгæ æппæты карздæр æфхæрд у 2 азы онг закъонхалæджы ахæстоны сбадын кæнын. 119-æм статьямæ гæсгæ та - 5 азы онг æмгъуыдмæ 'рцахсын. Административон закъонхæлдтыты кодексмæ гæсгæ та дохтырты сæ куысты чи бахъыгдара, уыдоны ивар фидын бахъæудзæн 4 мин сомæй 5 мин соммæ. Уæдæ тагъд æххуысы, кæнæ æндæр тагъд службæтæн сæ сæрмагонд зæлтæ æмæ цырæгътæ куы кусой, æмæ сæ афтæмæй цы шофыр нæ ауадза, уый дæр æфхæрдзысты карздæрæй. Кæд раздæр закъонхалæг шофыртæ иваргонд цыдысты 500 сомæй, кæнæ та-иу сын хæдтулгæ тæрыны бартæ 3 мæйы онг байстой, уæд ныр та ивары бæрц у 3 минæй 5 мин сомы онг. Хæдтулгæ тæрыны бартæ та исдзысты 3 мæйæ иу азы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дохтырты куыст чи хъыгдара, уыцы шофырты æфхæрдзысты карздæрæй
Категория:
Новости и СМИ