Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны бацыд Европæйы турнир боксæй
Республикæйы æрæмбырд сты 270 спортсмены 38 бæстæйæ. Уазджытæ Великобританийæ, Германийæ, Францийæ, Туркæй æмæ афтæ дарддæр. Ерысты архъайынц куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. Спортæй арахйынц, улæфгæ дæр кæныц. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Райсом сын сараздзысты экскурси. Бабæрæг кæндзысты Алайнаг моладзандон, Барбашовы фæз, стæй Беслæны мемориал. Уый фæстæ та тренеровкæтæ æмæ рингмæ. Спортсментимæ фембæлыд нæ уацхæссæг Къуымæллæгкаты Фатимæ. Цы сын бантыст ныры онг æмæ дарддæр ныфс цæуыл дарынц? 8-æм мартъийы Дзæуджыхъæу сси æрыгон спортсменты куырдадз. Республикæ байгом кодта йæ дуæрдтæ 270 спорсменæн. Уыдон сты 38 бæстæйы минæвæрттæ. Архайджытæ сæ кармæ гæсгæ сты 19-22 азы онг кæууыл цæуы,ахæмтæ. Бирæтæ боксы сæхи сæ сабибонтæй фæлварынц. Чидæр та рингмæ хæрзæрæджы рацыд. «Æз райгуырдтæн æмæ цæрын Парижы. Боксæй архайын 3 азы æмæ дæн Францийы уæлахиздзау. Тынг уарзын спорты ацы хуыз. Фадат ис хи тыхтæ бавзарын æмæ равдисын. Ацы ерысты мæ бон финалмæ бхауын не сси. Фæлæ радон чемпионатмæ мæхи хуыздæр бацæттæ кæндзæн. Уæрæсе тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Ам тынг зæрдæхæлар адæм цæры», - ерысты архайæг Аксель Баки. Ерыстæ райдыдтой Æппæтдунеон сылгоймæгты бæрæгбоны бон. Зæгъын хъæуы уый, æмæ дзы чызытæ дæр архайы. Бокс рагæй нал у нымад æрмæст нæлгоймæгты спорты хуызыл. «Боксæй архайын 5 азы. Ерыстæм мæхи тынг цæттæ кæнын. Грецийы бокс сылгоймæгты хсæн тынг парахат нæу. Чи дзы архайы, ахæм чызытæм та зылын каст кæнынц. Мæн бафæндыд равдисын чызгæн дæр йæ бон кæй у боксы архайын. Æз ныридæгæн дыууæ бронзæ майданы уал рамбылдтон», - ерысты архайæг Николета Питта. Германийы иугонд командæимæ ныхасгæнгæйæ нæ тæлмацгæнæг нæ бахъуыд. Сæ сæйраг тренер уырыссаг æвзагæй дзурын куыд арæхсы,уый бирæты дисы æфтауы. Куыд рабæрæг, афтæмæй Вячеслав Кербер райгуырд æмæ йæ сабибонтæ арвыста Уæрæсейы. «Æз райгуырдтæн Краснодары. Дæс азы мыл куы цыди, уæд 1999 азы мæ ныццарджытимæ ацыдыстæм цæрынмæ Германимæ. Фæлæ мæ æвзаг нæ ферох. Ныр мын тынг æхсызгон у фæстæмæ Уæрæсемæ æрæздæхын. Ардæм æрбаластон мæ командæ. Ис мæм лæппутæ æмæ чызытæ дæр. Ирыстоны нæ зæрдæмæ тынг фæцыД. Хорз хæринæгтæ уæм и», - Германийы иугонд командæйы тренер Вячеслав Кербер. Кæд æмæ сывæллæттæ фылдæр хатт сæхæдæг равзарынц цы спорты хуызмæ бацæуæй,уый, уæд нæ архайджытæй иу та бокс бауарзта дзæвгар рæстæг куы рацыд, уæд. Фыццаг рæстæг тренировкæтæм цыди зынтæй. Йæ зæрдæ боксæй æппындæр нæ рухс кодта. «Мæ ныййарджытæ мæ боксмæ радтой гыццы сывæллон куы уыдтæн,уæд. Фыццаг рæстæг иу тынг куыдтон. Фæлæ ныр 10 азæй фылдæр ацы спорты хуызæй уарзондæр мын нæй.Алы хатт дæр фæархайын фæуæлахиз уæвыныл. Мадзалы аразджытæ нæм тынг зæрдæхæларæй ракастысты. Хорз тæрхонгæнджытæ уæм ис. Дыууæ тохы мын уыди. æмæ дыууæ дæр мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты», - ерысты архайæг Дмитро Рыбалко. Ерыстæ æрæмбырд кодтой Европæйы хуыздæр æрыгон боксерты. Тагъд рæстæг сбæрæг уыдзысты сæ тыхджындæртæ. Къуымæллæггаты Фатимæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны бацыд Европæйы турнир боксæй
Категория:
Новости и СМИ