Æрыдоны районы пъæлицæйы хайады кусджытæ 2019 азы куыстæн хатдзæгтæ скодтой
Æрыдоны районы пъæлицæйæгтæ хатдзæгтæ скодтой 2019 азы куыстæн. Мадзалы архайдтой Æрыдоны районы æхсæнадон барадхъахъхъæнджытæ, пъæлицæйы дæлбулкъонтæ Быгъуылты Барис æмæ Бибылты Алан, семæ пъæлицæйы майор Плиты Юлия. Участковытæ радзырдтой сæ бæрны цы фæзуат ис, уый уавæры тыххæй. Пъæлицæйæгтæ бынæттон цæрджытимæ æрдзырдтой æппæты ахсджиагдæр фарстатыл. Административон барадхæлдтытæм пъæлицæйæгтæ здахынц уæлдай æргом. Æппынæдзух цæуы æмбарынгæнæн куыст дæр. Адæмимæ фембæлды рæстæг пъалицæйæгтæ радзырдтой, бинонты хуымæг ахастдзинæдты мидæг цы барадхæлдтытæ æрцæуы, уыдоны ныхмæ цавæр мадзæлтты хуызтæй пайда кæнынц, уый тыххæй. Бамбарын кодтой адæмæн, цы кæнын хъæуы, цæмæй барадхалæгæн ма суа йæ бон æфхæрдæй хи афæливын. Сæрмагондæй цæстфæлдахджыты ныхмæ тох кæныны мадзæлттæ. Цæмæй уыдон цæрджыты æхцайы фæрæзтæй ма пайда кæной, уый тыххæй сæм æрсидтысты, къæрцхъусдæр ут, зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны районы пъæлицæйы хайады кусджытæ 2019 азы куыстæн хатдзæгтæ скодтой
Категория:
Новости и СМИ