Мидæгрæбыны дæлвæзы хайæн хицæн адæймаг хицау нæу
Мидæгрæбыны дæлвæзы хайæн хицæн адæймаг хицау нæу
Мидæгрæбыны дæлвæзы хайæн хицæн адæймаг хицау нæу. Бацæуынæн дзы фидын кæй хъæуы, уый фæдыл фыст хъуамæ айсой. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан. Куыд загъта, афтæмæй ацы фæзуат хаццоны райста фермерон хæдзарад «Дзынагъа»-йы разамынд, цæмæй дзы йæ фос хиза. Фæлæ дзы мидæмæ бацæуынæн æхца исой æмæ туристты ма уадзой, уыцы бар сын нæй. Уый хыгъд фермерон хæдзарады разамонæг районы сæргълæууæгæн радзырдта, æхца фидыны тыххæй фысты авторы зонгæ дæр кæй нæ кæны. Хъуыддагмæ йæ цæст дары прокуратурæ.