Дæ проектыл бакус

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Фæсивæдон форум «Город» зæгъгæ йæ тæмæны бацыд Цæгат Ирыстоны дæр. Тæмисчъы санаторийы æрымбырд сты республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студæнттæ. 5 боны сæ ахуыр кæндзысты амалхъомдзинады сусæгдзинæдтыл. Зонындзинæдтæ нæ бавгъау кæндзысты къабазы хуыздæр специалисттæ. Уыдзæн дзы уазджытæ Мæскуыйæ дæр. Форумы фыццаг бон цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, уый федта не`сфæлдыстадон къорд дæр. Дæттæм сын ныхасы бар. Дзгойты Марианæ цал форумы архайдта уый æнцон банымайæн нæу. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ алы хатт дæр фæфæнды исты ногдзинæдтæ базонын.  Ис æм йæхи хъуыдытæ æмæ сæ сæххæст кæнынмæ тырны. Уый тыххæй сси форум Городы архайæг. Конкурс «Уæрæсейы Бархион»-мæ бацæттæ кодта проект. Ныфс дары ам ын кæй баххуыс кæндзысты, ууыл. Форум Город нæ республикæйы 3-аг хатт арæзт æрцыд. Азæй азмæ уæрæхдæр кæны, йæ программæ та цымыдисагдæр. 5 боны йæ архайджытæ ахуыр кæныдзысты къорды кусыныл. Скæндзысты сын дæсныйад æвдисæн ахуыртæ, квесттæ, разамноджыты курсытæ æмæ кадджын уазджытимæ фембæлдтытæ. Ацы программæйыл бакуыстой Мæскуйаг специалисттæ. Уый фæдыл сæрæхæдæг æрцыдысты Тæмисчъы улæфæн базæмæ. Тренер-эксперт Денис Исмаков: «Уый у сæрмагонд ахуыр. Практикæйы сæхæдæг кæсынц ныртæккæ фæсивæды цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдонмæ. Уыимæ ма ма сæ регионы райхалинæг фарстатæм. Хъуамæ сыл бакусой æмæ сын сæхæдæг дзуæппытæ ссарой». Студентты æргом социалон æмархайдмæ раздахынмæ – фæсивæды комитеты сайраг хæстæй иу у. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнтысджынæй йæ ææхæст кæнынц. Азæй азмæ куыд раззагдæр фæсивæды нымæц, афтæ ног цымыдисаг проектты бæрц дæр рæзы. Æххуыс дæр сын кæнынц. Дзæуджыхъæуы Администарцийы фæсивæды, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Баситы Марат: «Нæ форумы арахйынц хъæппæрисджын фæсивæд. Фæнды сæ архайын, исты кусын. Стæй комитеты кусджытимæ æмархайд кæнын райдайынц. Республикæйы оргæнтимæ дæр». Форумы фыццаг бон архайджытæ кæрæдзиимæ базонгæ сты. Аныхас кодтой эксперттимæ дæр. Сарæзтой сын дæсныйад æвдисæн ахуыртæ, Бакастысты лекциты.  Тренерты ныхæстæм гæсгæ, ахуыртæ уыдзысты цымыдисаг, архайджытæн та уæгъд рæстæг дæр нæ уыдзæн. Сæ хуыздæртæн фадат фæзындзæн æппæтуæрæсеон форумы бацархайынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дæ проектыл бакус

Категория:

Новости и СМИ