Мæздæджы æрныхас кодтой ирон æвзаджы уавæрыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Мæздæджы æрныхас кодтой ирон æвзаджы уавæрыл. Районы ахуыргæнджытимæ фембæлд Æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег æмæ «Иры Стыр Ныхас»-ы ахуырад æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстаты хайады сæрдар Бургалаты Заремæ. Фембæлды архайджытæ ахуыгæнджытимæ æрдзырдтой ирон æвзаджы риссагдæр фарстатыл.  Æрвылаз, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ æвзаджы бон хорзæхгонд æрцæуынц æхцайы фæрæзтæй. Ацы аз расиддзысты конкурс. Æмбырды архайджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ фаг не 'сты. Хъуамæ ацы хорз хъуыддагмæ се 'ргом раздахой бынæттон хицауады минæвæрттæ дæр. Зæгъæм, Мæздæджы районы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн нæй цæрæнбынæттæ. Кæцыдæр скъолаты нæй ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, кæм дæр та – ирон æвзаг цы къордты ахуыр кæнынц, уым нæ фаг кæнынц ахуырдзаутæ. Мæздæджы районы Веселое хъæуы скъолайы директор куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт ныййарджыты нæ фæфæнды сæ сывæллæтты ирон къордмæ радтын, уæдæ нæм ахуыргæнджытæ дæр фаг нæй. Æхсæнадон архайджыты ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ фыццаджыдæр Мæздæджы районы лыггонд æрцæуа сæйрагдæр фарста – ахуыргæнджытæн хъуамæ арæзт æрцæуой цæрæнбынæттæ. Бургалаты Заремæ ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт ацы фарстатыл хъуамæ бакусой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы æрныхас кодтой ирон æвзаджы уавæрыл

Категория:

Новости и СМИ