Сæ хорзæх - алкæйы дæр!
Æмæ ма нæ программæйы кæронбæттæны, сæ уындмæ кæмæн нæ быллынц, фæлæ сæ хорзæхыл æнувыд кæмæн сты, уыдоны тыххæй. Ахсæв алы ирон хæдзары дæр бакувдзысты сæ Бынаты хицаумæ. Адæмы `хсæн ма йæ хонынц Хæйрæджыты `хсæв дæр. Кæддæр, дам, адæм æмæ æнæзæгъинæгтæ иумæ цардысты. Фæлæ куыдфæстæмæ фæзулдзых сты æмæ кæрæдзийы нал æмбæрстой. Цæмæй ма хылкъахæнтæ кæной, уый тыххæй адæм хæйрæджыты зæрдæлхæнынæн райдыдтой нывондæн сау кæрчыты хæссын. Афæдзы иннæ бонты ацы маргъы мыггаг æнæзондыл нымад у. Фæлæ Хæйрæджыты `хсæвы размæ сау карк гайлаг родæй агуринагдæр свæййы. Фынг-иу куы сцæттæ, уæд-иу бинонтæ цырæгътæ ахуыссын кодтой æмæ-иу æддæмæ рацыдысты. Хъуамæ карчы фыдæй хæйрæджытæ сахуыстаиккой. Уæд, дам, афæдзы дæргъы адæмы нæ хъыгдардзысты. Нывондаг карчы дзидзайæ æддагонæн хæрыны бар нæ уыд. Райсомæй та йын-иу йе стджытæ æмæ йæ бумбулитæ цæугæдоны бакалдтой. Хъуамæ, дам, сыл куыдз дæр ма бамбæла. Уæ бынаты хицау йе `вджид бинонтыл рæстмæ куыд ахада, хæйрæджытæн та сæ митæй хызт куыд уат, уый уын зæгъы мах зæрдæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæ хорзæх - алкæйы дæр!
Категория:
Новости и СМИ