Адæмон сфæлдыстады хæдзары ацыд УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Уарзиты Х
Уарзиаты Хадзысмелы ном фехъусгæйæ, аивадуарзджыты зæрдæты уайтагъд æрлæууы хæрзконд саулагъз лæппу. Кафджытæ æмæ артисттæ та æрхъуыды кæндзысты, курдиатджын хореограф цы кæфтытæ сæвæрдта, уыдон. Абон нымад сты классикæйыл. Фарныхъæуккаг лæппу фарнимæ цыд йæ цардвæндагыл. Адæмæн хаста цин æмæ уарзондзинад. Æгæронæй уарзта аивад. Йæ алы нуар дæр кафты æвзагæй кæмæн дзырдта, Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист. Уарзиаты Хадзысмелы райгуырдыл ацы аз сæххæст 85 азы. Нæ курдиатджын æмзæххоны æрхъуыды кодтой Адæмон сфæлдыстады хæдзары.