Ирон æвзаджы бæрæгбоны мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы 51-æм рæвдауæндоны
Ирон æвзаг æмæ литературæйы стыр бæрæгбон æрхъуыды кодтой алы ран дæр. Архайдтой дзы алы кары адæмтæ. Чысыл сабитæ дæр - афтæ. Зæгъæм, кад æмæ радимæ бæрæгбоныл сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы 51-æм рæвдауæндоны. Чысыл сабитæ уазджытæн бацæттæ кодтой концертон программæ. Сывæллæттæ кафыдысты, зарыдысты, дзырдтой æмдзæвгæтæ. Концерты архайдтой рæвдауæндоны раздæры рауагъдонтæ дæр. Хъуыстис дзы фæндырдзагъд дæр. Рæвдауæндоны хистæр къорды сабитæн та сарæзтой ерыстæ. Хæрз чысыл артисттæм æрбацыдысты сæ ныййарджытæ. Сæ къухæмдзæгъд сын нæ бавгъау кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон æвзаджы бæрæгбоны мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы 51-æм рæвдауæндоны
Категория:
Новости и СМИ