Сывæллæтты рæвдауæндон "Диалог"-ы ацыд "Ирон аргъæутты" чиныджы презентаци
Сывæллæтты рæвдауæндон "Диалог"-ы ацыд "Ирон аргъæутты" чиныджы презентаци. Йæ автор Хъаныхъуаты Алинæ æмбырдгонд рахаста хъомылгæнджыты размæ, балæвар сын кодта цалдæр экземпляры. Йæ хъуыды сæххæст кæнын сылгоймагæн бантыст проект "Росмолодежь. Гранты"-йы руаджы. Чингуытæ кæсгæйæ, сабитæ зонгæ кæндзысты ирон адæмон аргъæуттимæ. Радзырдты хъайтартæ сты националон уæлæдарæсы, нывтæ дæр Алинæ йæхæдæг бацæттæ кодта. Сæйраг нысан - мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ рæзгæ фæлтæры 'хсæн парахат кæнын. Фидæны ма Хъаныхъуаты Алинæ фæнд кæны фæсивæдæн дæр чингуытæ бацæттæ кæнын.