Дачæтимæ баст хъæппæрис
Паддзахадон Думæйы паддзахадон арæзтад æмæ закъондæттынады комитеты сæргълæууæг Павел Крашенинников бахаста хъæппæрис дачæтимæ баст закъон ноджыдæр ма 3 азы æмгъуыдмæ фæдæргъвæтин кæнын. Уый тыххæй хъусын кæны агентад ТАСС. Депутаты хъуыдымæ гæсгæ, ног закъон æмбæлы 2022-æм азы 1-æм мартъимæ аргъæвын. Раздæры хъусынгæнинаджы куыд амынд уыдис, афтæмæй йæ хъуамæ адарддæр кодтаиккой æрмæстдæр 2020-æм азы 1-æм мартъимæ. Премьер Дмитрий Медведев хъæппæрисыл ныхас кодта Думæйы æппæт фракциты разамонджытимæ, цæмæй федералон закъоны проект бацæттæ кæной. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, раздæр уал Уæрæсейы Хицауад дачæтæй пайда кæнынмæ зынгæ ивддзинæдтæ кæй бахаста. уыдонмæ гæсгæ адæмæн бар радтой хи цæрæнбынаты хуызы ныффыссынæн. Цы йæ зонын хъæуы, бирæтæ дзы канд сæрдыгон нæ, фæлæ æгас афæдзы дæргъы кæй фæцæрынц. Йæ тыхы ацы азы 1-æм январæй цы закъон бацыд, уымæ гæсгæ дачæтæ бынымайæн ис цæрæн хæдзæрттыл. уый та уый амоны, æмæ дзы адæмæн радтой хи ныффыссыны бар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дачæтимæ баст хъæппæрис
Категория:
Новости и СМИ