Горæтгæрон районы ацыд адæмон инструменттыл чи цæгъды, уыцы сывæллæтты 'хсæн æркаст

Ацы зындгонд æмæ се 'ппæтæн уарзон композицитæ сывæллæттæ иттæг хорз зонынц. Алы нотæ дæр фæлхат кодтой дæсгай хæттыты. Аив цагъдæй уæлдай ма хъуамæ аивадуарзджыты зæрдæтæ балхæнай артистизмæй. Конкурсы архайынц сæдæмæ 'ввахс æрыгон адæймаджы. Алкæй дæр фæнды уæлахиздзау суæвын. Фæлæ сæйрагдæрыл нымайынц, адæмæн сæ курдиат, кæй раргом кодтой, уый. Артистæн уый тынг ахсджиаг у. Архайджыты цæттæдзинадæн аргъ кæны фæлтæрджын жюри. Фыццаг бынат бацахсын æнцон хъуыддаг нæу. Къамисы уæнгтæ кæсынц цалдæр къæпхæнмæ. Хуыздæр суæвынмæ æрмæст музыкалон инструментыл арæхсын фаг нæу. Хъæуы цымыдисаг репертуар бацæттæ кæнын. Адæмон инструменттыл цæгъдынæй фæсивæды æхсæн конкурс "Родные напевы" ахæм парахатæй ацы аз фыццаг хатт бацæттæ кодтой. Раздæр æй æрмæст ам Октябрскæйы музыкалон скъолайы арæзтой. Иу хаттæй иннæмæ йæ архайджыты нымæц фылдæр кодта. Ныр дзы фæсивæд сты Горæтгæрон районы хъæутæй музыкалон скъолатæ æмæ культурæйы хæдзæрттæ кæм ис, уырдыгæй. Æркасты уыд дыууæ номинацийы: соло æмæ ансамбльтæ. Алкæцыйы дæр сæ асмæ гæсгæ цалдæр къорды. Уыдон сты 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæ м сывæллæттæ. 15 призеры райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ хæрзгæнджытæй, фæлæ сæйрагдæр та - фæлтæрддзинад. Фидæны аз мадзаларазджытæ конкурс фæнд кæнынц республикон æмвæзадыл саразын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
72 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии