Кокойты Дианæ рамбылдта æркаст «Педагогон дебют»-ы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

38 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Кокойты Дианæ рамбылдта æркаст «Педагогон дебют»-ы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

38 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

38 просмотров

3 года назад

Æппæты тæлфагдæр сывæллæтты сцымыдис кæнын æмæ сæ урокы куыстыл бафтауын æнцон хæс нæу. Кокойты Дианæйы уыцы миниуджыты тыххæй уарзынц скъоладзаутæ. Ахуырадон центр «Интеллект»-ы райдиан кълæсты æрыгон ахуыргæнæг рамбылдта республикон æркаст «Педагогон дебют»-ы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ хистæр æмкусджытæ йын тынг баххуыс кодтой. Ныр та йæхи цæттæ кæнын райдыдта æркасты æппæтуæрæсеон къæпхæнмæ. Кокойты Дианæйæн йæ фыццаг æмæ æппæты вазыгджындæр педагогон дебют уыд æртæ азы размæ. Æркасты размæ афтӕ нæ тыхст, уæд куыд мæт кодта. 7-аздзыд сабиты сцымыдис кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, ӕнцон нæу. Фæлæ æрыгон чызг йæ размæ сæвæрдта бæлвырд хæс æмæ йæ фæндагыл фидар лæуд у. Фыццагкъласонтæ дæр æй тынг бауарзтой. Уымæн æмæ сæм уый сæ алкæйы зæрдæмæ дæр хицæн фæндаг ссарын базыдта, кæд æмæ къласы 42 адæймаджы ис, уæддæр. Æрыгон ахуыргæнæг сывæллæтты куы нæ уарзид, уæд ацы дæсныйад дæр нæ равзæрстаид. Дианæйы уыдон тынг разæнгард кæнынц. Уæдæ йын æххуыс дæр сты. Конкурсы дæргъы дæр сæ ахуыргæнæгыл тынг мæт кодтой. Æркасты алы къæпхæны тыххæй дæр-иу æй бæстонæй бафарстой. Сæ ахуыргæнæг æппæты хуыздæр кæй у, ууыл дызæрдыг нæ кодтой. Фæсурокты ахуыртæ, адæмы размæ раныхас кæнын æмæ министримæ адзурын. Конкурсы алы къæпхæн дæр уыд вазыгджын. Æппæты сæйрагдæр та - æнæзонгæ сывæллæттæн урок раттын. Æрыгон педагог йæхи бӕстонӕй бацæттæ кодта. Йæ фæлтæрдджын æмкусджыты дæр афæрстытæ кодта. Æркасты кæй фæуæлахиз, уый йæ дарддæр йæ дæсныйад рæзын кæнынмæ разæнгард кæны. Ныр архайдзæн конкурсы æппæтуæрæсеон æмвæзады. Уый та уыдзæн иннæ аз. Кокойты Дианæ ныридæгæн йæхи уырдæм цæттæ кæнын райдыдта. Æппæтуæрæсеон «Педагогон дебют»-ы рамбула, уый йæ ахуырдзаутæ æмæ йе 'мкусджыты дæр тынг фæнды. Биджелты Бертæ

, чтобы оставлять комментарии