Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 21 мая 2018
Æххуысагур - æппæты фыццагмæ. Битарты Вячеслав радон хатт байхъуыста адæммæ, зæрдæ сын бавæрдта `ххуысæй. Республикæйы сæргълæууæгмæ абон уыдысты республикæйы цæрджытæ. Дон цæуы æмæ тас йемæ хæссы! Дыккаг хатт уый сæхиуыл банкъардтой Цæлыччы цæрджытæ. Бон раздæр хъæуы сæрмæ арвы дуар фегом æмæ цыхцырджытæ фемæхстысты. Цæлыкк доны аныгъуылд. Дæ фындз дæр МА `рбадар! Къуыримæ арæны сæрты æнæзакъонæй чи рахызст, уыдон баисты 26. Фæлæ сæ фæнд нæ фæрæстмæ - баурæдтой сæ æмæ сæ административон æгъдауæй бафхæрдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 21 мая 2018
Категория:
Новости и СМИ