«Легенды Эльбруса» туристон маршрут фæзындзæн Цæгат Кавказы
«Легенды Эльбруса», афтæ хуындзæн, Цæгат Кавказы цы ног туристон маршрут саразынмæ хъавынц, уый. Фыццаг уал апарахат уыдзæн 4 регионыл. Уыдонæй иу - Цæгат Ирыстон. Ацы аз фæнд кæнынц нысангонд домæнтæн æмæ стандарттæн дзуапдæттæг фæтк сфидар кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта Автотуризмы национ цæдисы сæрдар Сергей Лобарев. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, автомобилон туризмы райрæзт æмæ ахæм маршруты сæвзæрд, хорзы ’рдæм ахаддзæн Цæгат Кавказы туризмы авналæнтыл, фæфылдæр уыдзæн туристты нымæц, ифтонггонд уыдзæн нырыккон инфраструктурæ, фæзындзысты ног куысты бынæттæ. Уæрæсейы экономикон рæзты министрад снысан кодта «Туристон архайды уагæвæрдты» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект. Ныртæккæ Уæрæсейы хицауады бардзырд апарахат кодтой барадон информацийы официалон сайты. Бæлвырддæр ма уын радзурдзыстæм, «Легенды Эльбруса» маршруты тыххæй. Фыццаг къæпхæн æххæстгæнгæйæ, аххæсдзæн Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Стъараполы край æмæ нæ республикæйыл. Хæстæгдæр рæстæг, йæ аразджытæ скæндзысты регионты`хсæн сæрмагонд æмбырд æмæ æрдзурдзысты канд маршрут саразыны лыстæгдзинæдтыл нæ, фæлæ ма Цæгат Кавказы автомобилон туризмы рæзтыл. Проектæн сараздзысты экспертизæ. Фæндаг кæуылты цæудзæн, уым æмбæлгæ инфраструктурæ банывыл кæныны тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъдзысты. Ахсджиаг бынат ахсдзысты æдасдзинады фарстатæ. Цæгат Ирыстоны туризмы комитеты сæрдарды хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъодзаты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, туристон маршрут республикæйыл куы цæуа, уæд уый фæфидардæр кæндзæн туризмы хæрзхъæддзинад. Уый хъуамæ хорзы рдæм фæбæрæг уа регионалон экономикæйы профилон къабазыл. Æмбæлгæ инфраструктурæ куы фæзына, уæд адæмæн уыдзæн куысты бынæттæ дæр. Æппæт ацы фæндтæ цæмæй къухы бафтой, уый тыххæй æнæ федералон æххуысæй нæй гæнæн. Афтæ хъуыды кæнынц эксперттæ. Маршрут саразыны фарс рахæцыдысты æндæр регионтæ, уыдоны дæр фæнды фидæны проекты бацархайын.Федералон æххуыс та хъавынц субсидиты хуызы райсын. Сертификацийы фæтк куы ахицæн уа æмæ йын хорз бæрæггæнæнтæ куы уа, уæд паддзахадон æххуыс райсыны фадат фæфылдæр уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Легенды Эльбруса» туристон маршрут фæзындзæн Цæгат Кавказы
Категория:
Новости и СМИ