Алагиры та аив кæнынц горæтмæ бахизæн
Алагиры та аив кæнынц горæтмæ бахизæн
Алагиры та аив кæнынц горæтмæ бахизæн. Раздæр Паддзахадон автоинспекцийы пост кæм уыд, уыцы ранмæ бындуронæй базилдзысты. Фæзындзæн дзы стеллæ горæты ном æмæ Ирыстоны тырысаимæ. Бындур у цæттæ, ныртæккæ бавнæлдтой къул фидар кæнынмæ. Алфамблай дæр дидинджытæй æмæ ног рухсытæй йæ хуыз скалдзæн. Куыстытæ фæуыдзысты афойнадыл, сæрды райдианмæ.