Сергей Меняйло амыдта хицауады радон аппаратон æмбырд
Сергей Меняйло амыдта хицауады радон аппаратон æмбырд
Республикæ федералон бюджетæй райста миллиард сомы уæлæмхасæн. Фæрæзтæ схардз кæндзысты бæстыхæйттæ аразын æмæ бындуронæй цалцæг кæныныл. Стæй ма сæ балхæндзысты Дзæуджыхъæумæ æхсæнадон транспорт дæр. Уый тыххæй ныхас кодтой хицауады радон аппаратон æмбырды. Дзырдтой ма Цæгат Ирыстоны 76 æнæзакъон бырондоны кæй рабæрæг кодтой, уый тыххæй. 46 дзы ныридæгæн бафснайдтой. Цæмæй фæстæмæ ма сæвзæрой, уый тыххæй сæ бынæтты сарæзтой экологон патрультæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппынæдзух уыцы фарстамæ хъæуы цæст дарын, цæмæй бырондæттæ ногæй ма æвзæрой. Уыцы куыст Сергей Меняйло бабар кодта районты сæргълæууджытæн. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз сентябры скъолатæм бацæудзæн 10 мин фыццагкъласоны.