19 апрелы хицауады хæдзары Сергей Меняйло фехъусын кæндзæн Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты
19 апрелы хицауады хæдзары Сергей Меняйло фехъусын кæндзæн Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты хатдзæгтæ ивгъуыд азæн. Хицауады уæнгты размæ сæвæрдзæн сæйраг хæстæ. Æрвылазон мадзалы архайдзысты Советы Федерацийы уæнгтæ, паддзахадон Думæйы депутаттæ, министртæ, районты разамонджытæ, политикон партиты минæвæрттæ æмæ журналисттæ. Национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон» сæргълæууæджы раныхас æвдисдзæн комкоммæ эфиры 12:00 сахатыл. Интернетæй пайдагæнджытæн сæ бон уыдзæн бацæуын нæ сæрмагонд сайтмæ æмæ уым кæсын.