Дзæуджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндагыл фæллой кæнынц скъоладзаутæ
Йæ куыст райдыдта сывæллæтты æфсæнвæндаг. Фæллой дæр дзы кæнынц сабитæ. 11 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд дзы æнтыстджынæй архайынц. Зонынц æй скъæрын дæр, стæй йæм базилынц. Уæлæмхасæн ахуырады иугонд "Юный железнодорожник"-ы ис 600 сывæллонæй фылдæр Дзæуджыхъæуы скъолатæй. 1-æй 7-æм курсмæ ахуыр кæнынц дæсныйады сусæгдзинæдтæ, уыимæ лæвар. Архайынц алыхуызон конкурсты, ацæуынц æндæр рæттæм дæр. Саразынц ма цымыдисаг экскурситæ чысыл бæлцæттæн. Сæ хистæр æмкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм профориентацион куыст тынг пайда у.