Донхъиамæт
Фатерты цартæ æмæ къултæ донлæсæнтæй хъулон адардтой. Мæздæджы бирæуаладзыгон хæдзары цæрджытæ дисы æмæ сагъæсы фесты, райсомæй куы райхъал сты, уæд. Сæ фатерты цартæ æмæ къултæ донлæсæнтæй хъулон адардтой. Са хæдзары сæр заууат уавæрма æрцыд. Дæргъвæтин рæстæг æй ничи раивта. Цалынмæ дзæбæх нæ рауарыд, уæдмæ йæм йæ хъус ничи дардта. Чи баххуыс кæндзæн адæмæн сæ уавæры æмæ кæд фæуыдзысты сæ хъизæмæрттæ. Бирæуæладзыгон хæдзæртты фатертæн сæ фылдæр ахæм уавæры сты. Агъуыстыты ацæуæн нæй. Доны лæсæнтæй тæрсгæйæ, адæм сæ уæттæ байдзаг кодтой тастæй æмæ ведратæй. Сæ къултæ ма ныккæлой, зæгъгæ та сыл, фырадæргæй афу-афу кæнынц дзыккутæ хусгæнæнæй. Фатертæй иуы дон калд рухсгæнæнтæй дæр. Цæмæй мацы знаггад æрхæсса, уый тыххæй бирæтæ цалдæр боны бадынц æнæ рухсæй. Цалдæр бирæуæладзыгон хæдзары царты цалцæггæнæн куыстытæ пъланмæ гæсгæ хъуамæ ацы азы райдиан райдыдтаккой. Фæлæ сæм цæмæдæр гæсгæ бавнæлдтой æрмæст ноябры. Куы фæуазал, уæд. Арæзтадон куыстыты хæрзхъæддзинад аккаг кæй нæу, уый фыццаг бакастæй дæр бæрæг у. Ацы фарста алыг кæныныл кусынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады эксперттæ. Сæ специалист æрзылд Мæздæджы фатертыл, сбæрæг сын кодта сæ уавæр, скодта хатдзæгтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæрыл нымайы, тыхст уавæры чи бахауд, уыдонæн баххуыс кæнын. Хъуыддагмæ æркастысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады дæр. Сæ уынаффæмæ гæсгæ райдыдтой хӕдзары сæрыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Хъæугæ æрмæг æмæ кусæнгæрзтæй цух не сты. Уæдмæ та уал цæрджытæ тастæ æмæ ведраты `хсæн сæ фатерты бадынц. Цæмæй сæ цалцæг кæндзысты, ууыл сагъæсгæнгæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Донхъиамæт
Категория:
Новости и СМИ