Беслæны социалон экономикон райрæзтыл дзырдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы министрады

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Беслæны социалон-экономикон райрæзтыл дзырдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы министрады. Ныхас цыд, горæты сæйраг пъланмæ гæсгæ цавæр мадзæлттæ араздзысты, ууыл. Фембæлды Цæгат Ирыстонæй архайдтой республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег. Æмбырды хатдзæгтыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы хицауады сæрдары хæдивджытæ Фадзайты Æхсарбег æмæ Азымты Иринæ. Уыимæ ма Цæгат Ирыстоны министрадты уæнгтæ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй федералон хицауадимæ æмгуыстады руаджы сæйраг пъланы домæнтæ хъæуы баххæст кæнын. Уыимæ ма цыбыр рæстæгмæ. Премьер-министр бабар кодта, цæмæй хыгъды мадзæлттæм лæмбынæгæй æркæсой. Се `хсæн - Менделеевы æмæ Чкаловы номыл уынгты скъолаты арæзтад. Сывæллæтты рæвдауæндон 120 бынатимæ, æрыгон техникты станцæ, парчы рацарæзт, сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар æмæ æндæр объекттæ. Алкæмæн дæр сæ хъæуы проектон-сметон гæххæтытæ бацæттæ кæнын. Уæлдай æргом раздæхтой бæрзонд æмвæзадыл медицинон æххуыс бакæныны хъуыддæгтæм. 2004-æм азы сентябры теракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн реабилитаци æмæ санаторон-дзæбæхгæнæн бынæттæм арвитын. Уый тыххæй сараздзысты номхыгъд. Æдæппæтæй сæйраг пъланы социалон-экономикон райрæзты мадзæлтты хыгъды ис 19 пункты. Сæрмагонд гæххæт бацæттæ кодта Уæрæсейы хицауад. Æххæссы æнæниздзинад, культурæ, ахуырад, спорт,социалон хъахъхъæнынад æмæ æндæр къабæзтыл. Æдæппæтæй мадзæлттыл бахардз кæндзысты 9,4 миллиард сомы, уыдонæй 8,8 миллиард сомы федералон фæрæзтæ. 652 милуан сомы та рахай кæндзысты республикон бюджетæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны социалон экономикон райрæзтыл дзырдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы министрады

Категория:

Новости и СМИ