Кадджын уазæг
Цæгат Ирыстонмæ ссыд Уæрæсейы Федерацийы президенты цур Цæгат Кавказы Федералон Зылды æххæстбарджын минæвар Александр МатОвников. Раздæр уал бабæрæг кодта Беслæны амæттæгты уæлмæрд. Уый фæстæ йæ фæндаг акодта Беслæны 1-аг скъоламæ. Александр МатОвников куыд загъта, афтæмæй æххæстбарджын минæварад архайдзæн ацы аз сентябры саударæн мадзæлты. Фæкæсын æмæ æххуысы фарстатыл дзырдтой министртимæ æмæ ведомствоты разамонджытимæ фембæлды рæстæг дæр. Æххæстбарджын минæвары ныхæстæм гæсгæ, 2030 азмæ социалон-экономикон рæзты пъланы цы мадзæлттæ снысан кодтой, уыдон ахсджиаг æмæ пайдайаг сты. Республикæйы хицауад та уыцы хъуыддаджы куыд æмбæлы, афтæ кусы. Æххæстбарджын минæварæн радзырдтой уыцы къабазы куысты тыххæй. Зæгъæм, ацы аз нæ республикæйы пъланмæ гæсгæ аразын райдайдзысты 7 ног объекты. Уыдон сты дыууæ амублаторийы Сунжæйы æмæ Тарскæйы хъæуы, сывæллæтты рæвдауæндон Мæздæджы. Æрыдоны та сцалцæг кæндзысты сæйраг рынчындон. Æмбырды ма ныхас кодтой, Владимир Путины майы уынаффæтæ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Александр Матовников куыд фæнысан кодта, афтæмæй бюджетон къабæзты кусджыты мызд хъуамæ дарддæр фылдæр кæна. Ныхас цæуы 11 къабазы тыххæй – æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, социалон æдасдзинад, культурæ æмæ `ндæртыл. Республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, фарон азы домæнтæ иууылдæр сæххæст кодтам. Ацы аз дæр уал сыл æнтысджынæй кусæм. Александр Матовников ма фембæлд динты конфесситы минæвæрттимæ. Куыд загъта, афтæмæй ныр æххæстбарджын минæварады сæ хъуыддæгтæм цæст дардзысты хицæн адæймæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кадджын уазæг
Категория:
Новости и СМИ