Беслæны сæйраг уынгты сæрмагонд фыстæджы фæстæ рухс радтой
Беслæны хицауад зæрдæ куы бавæрдта электрон тыхæн хæстæ фыст æрцæудзысты, зæгъгæ, уæд уый фæстæ горæты рухс радтой. Ныхас цæуы, сæйраг уынгты рухс кæй нæ сыгъд, ууыл. Рухсдæттæг цæджындзтæ цæмæй скусой, уый тыххæй Беслæны администраци разамынддæттæг компанимæ арвыста фыстæг. Фидаргæнæн Фыстæджы «Цæгаткавказэнерго»-йæн уавæр бамбарын кодтой. Уыимæ Беслæны администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг, Заур Хаткаров ныфс бавæрдта, хæстæгдæр рæстæг хæс æххæстæй, уый та иу милуан сомы, фыст кæй æрцæудзæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æнæфыст хæсы тыххæй Беслæны сæйраг уынгтæ æнæ рухсæй баззадысты. Беслæны зын политикон уавæр хынцгæйæ, «Цæгаткавказэнерго»-йы разамынд уынаффæ рахаста электрон тых уынгты раттын. Уый тыххæй хъусын кæны «Цæгаткавказэнерго»-йы директоры хæдивæг Гацойты Светланæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны сæйраг уынгты сæрмагонд фыстæджы фæстæ рухс радтой
Категория:
Новости и СМИ