Æгас нæм цæут

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы Штыбы фæзæй Кавказаг фыранктæ сæ фæндаг дарддæр акодтой. Раззаг азийы чи цард, ахæм дыууæ фыранчы æрбаластой фæзæхст бынат национ парк "Алани"-мæ. Сырдты каджын уазджыты хуызæн æрбаластой вертолетыл. Фæлæ уый нырма хъуыддаджы райдиан у. Сырх чиныгы сыфтæй Цæгат Ирыстоны æрдзмæ чи рахызт, уыдоны ефдта йæ уацхæссæг. Цæрæгойты куы федта, уæд æй бамбæрста - фыранк æнæбауарзгæ нæй. Сæ диссаджы конд æмæ рæсугъддзинад алкæй зæрдæмæ дæр фæндаг ссары. Æмæ сæ фыццаг бакастæй бауарзы. Йе нкъарæнтæ равдыста нæ дарддæры æрмæджы дæр. Ацы цаумæ Цæгат Ирыстоны бирæ æнхъæлмæ кастысты. Национ фæзæхст бынат "Аланийы" фæзыл иу иннæйы фæдыл æрдзмæ рауагътой фыранкты. Ацы цæрæгойтæ Сырх Чиныгмæ хаст сты. Æгас дунейыл дзы мин йеддæмæ нал баззад. Дыууæ дзы махмæ. Схуыдтой сæ Эльбрус æмæ Уылæн. Куыддæр сын сæ траспортон къалатийы дуар байгом кодтой, афтæ иу уыссмæ хъæды смидæг сты. Уæвгæ йæ чи нæ зоны, фыранчы ничи аййафдзæн. Национ парчы директор Гæтциты Маратæн йæ цинæн кæрон нæй. Радзырдта нын ног сырдтæм куыд кæсдзысты æмæ сæм куыд зилдзысты, уый тыххæй. Æрдзмæ рауадзыны размæ уал фыранктæн сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ, цæмæй сын æрдзон уавæрты зын ма уа, уый тыххæй. Кусджытæ сæ сахуыр кодтой сæхимæ зилын, хæринаг агурын æмæ адæймæгтæй дард лидзын. Эльбрус æмæ Уылæн иттæг ахуырдзаутыл банымадтой æмæ куыддæр сæ фæлварæн сæххæст кодтой, афтæ сын сæ Цæгат Ирыстонмæ æрластой. Ам дæр ирасджытæ сæ куыст бакодтой. Мах цалдæр къуырийы дæргъы ам арæзтам экспедицитæ, зæхх иртæстам, кастыстæм цавæр уавæртæ ис сырдтæн, уымæ. Ахæм хатдзæгмæ æрцыдыстæм - тынг дзæбæх фадæттæ ис. Иннæ хатт дæр, гæнæн ис, æмæ та ногæй фыранкты ам рауадзæм. Ацы сырдты цæттæ кодтой сæрмагонд центры. Всемирный фонд защиты дикой природы: Куыд æй зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ма иу фыранк ис. Арæх æй фенынц ацы рæтты. Ныфс дарæм, фылдæрæй фылдæр кæй кæндзысты, ууыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ фыранчы гыццыл сты, фæлæ уал бакæсæм сæхи куыд дардзысты, уыймæ. Æнæмæнг, фæнд кæнæм дарддæр дæр кусын. Фыранкты бахъахъхъæныны программæ Цæгат Ирыстоны дыууæ азы æххæстгонд цæуы. Зæрæмæджы гидроэлектростанцæйы камерæтæ куы сæвæрдтой, уæд хъæдты рабæрæг кодтой фыранчы. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен та нын схъæр кодта фыранкты æрдзмæ рауадзын сæрмагондæй Цæгат Ирыстоны цæмæн сфæнд кодтой, уый тыххæй. Чермен Мамиев: «Бирæ бакуыстам. Мæскуымæ цал æмæ цал хатты ацыдыстæм ацы хъуыддаджы фæдыл, уый хъуыды дæр нал кæнын. Уый та ууыл дзурæг у æмæ нæ республикæ иттæг хорз бынат у, цæмæй фыранчыты ам рауадзой, уымæн. Программæ йæ тыхы бацыд дыккæгæм хатт. Фыццаг хатт фыранкты рауагътой Сочийы - олимпаг хъæзтытæ сæ тæмæны куы уыдысты, уæд. Мæ бон зæгъын у æмæ мæнæ дыккаг хатт та футболæй дунеон чемпионатмæ. Иугонд командæйы тренер не *мбæстаг кæй у, уый тыххæй. Æвæццæгæн, уый тыххæй нæ бæстæйы президент ахæм вазыгджын хъуыддаг бауæндыд махмæ саразын». Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, цалдæр азы фæстæ фыранктæ лæппынтæ рауаддзысты æмæ бабирæ уыдзысты. Цæмæй сын ам æнцондæр уа, уый тыххæй фæзæхст бынатмæ бацæуæнтæ мæйы бæрц уыдздысты æхгæд. Гогаты Марат, Джиоты Николас, Александр Левченко - Ирыстоны Хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æгас нæм цæут

Категория:

Новости и СМИ