Кафты æртæ ирд стъалыйы
3-æм апрелы æртæ номдзыд кафджыты къорды «Дзæуджыхъæуккаг алантæ», «Хуры тын» æмæ «Хæхты сывæллæттæ» нæ республикæйы аивадуарзджытæн радтой иумæйаг концерт. Хатдзæгтæ дзы скодтой се сфæлдыстадон азæн, сæ аивад адæмы размæ рахæсгæйæ. Концерт уыд фæстиваль «Козатæ кафты зилдухы», зæгъгæ, уыимæ баст. Ахæм ном ыл уый тыххæй сæвæрдтой, æмæ ансамбльты разамонджытæ хæссынц уыцы-иу мыггаг. Ацы фестиваль Ирыстоны сарæзтой дыккаг хатт. Æртæ сахаты Козаты æртæ дæсныйы сæ хъомылгæнинæгтимæ аивадуарзджыты цæст рæвдыдтой канд ирон кæфтытæ нæ, фæлæ ма æндæр адæмыхæттыты аивадæй дæр. Мадзал аразджыты бафæндыд иннæ аз ахæм фестиваль æгас Цæгат Кавказыл апарахат кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кафты æртæ ирд стъалыйы
Категория:
Новости и СМИ