«Æрæджиауы хорзæх»
Хуымæллæджы адæмон театр- аивадуарзджытæн равдыста Айларты Асæхмæты пьесæмæ гæсгæ `вæрд спектакль «Æрæджиауы хорзæх». Сфæлдыстадон къорд ыл куыста цалдæр мæйы. Хуымæллæджы адæмон театр республикæйы у рагондæртæй иу. Бындур ын 1963 азы сæвæрдтой. Уæдæй абонмæ дзы кусынц йæ дæсныйадыл æнувыд чи у ахæм актертæ. 1953 азы Хуымæллæджы фæзынд хæдахуыр къорд. Уæдæй абонмæ дзы архайынц Дзгъойты Сергей æмæ Хъуылаты Аким. Кæд профессионалон актертæ не `сты, уæддæр 55 азы сæ курдиатæй хъæлдзæг кæнынц адæмы зæрдæтæ. Сценæйыл сæ фыццаг къахдзæфтæ, ныр дæр ма сæ зæрдыл дарынц. Хуымæллæджы культурæйы галуаны ис дывæр бæрæгбон: адæмон театр бацæттæ кодта ног премьерæ, уыимæ йыл сæххæст 55 азы. Театр йæ аивад уарзджытæн равдыста Айларты Асæхмæты пьесæмæ гæсгæ `вæрд спектакль «Æрæджиауы хорзæх». Сæйраг рольтæ дзы ахъазыдысты Дзгойты Сергей, Хъуылаты Аким, Дулаты Альбинæ æмæ Куыдзиаты Владислав. Актертæ арæх ацæуынц гастрольтæм æндæр хъæутæм, ныр фæнд кæнынц стыр спектакль сæвæрын. Цæмæй дзы труппæ иууылдæр архайа. Хæдахуыр къордæн æххуыс кæны бынæттон колхозы сæрдар Кæсæбиты Барис. Театрдзаутæ сæ цæст актертæй исгæ дæр нæ кодтой. Сценæйыл сæ алы фезмæлдмæ дæр нымдзаст сты. Актерты арæхстдзинад адæмы дисы æфтыдта. Хуымæллæджы адæмон театрæн ис хъæздыг истори. Фæлтæрæй -фæлтæрмæ дзы куыста зындгонд режиссертæ: Цæлыккаты Мæирбег, Галазты Земфирæ, Дзудтæгаты Хъазыбег. Кæд актертæн мызд нæ фидынц уæддæр кусынц зæрдæргъæвдæй. Сæ удты хъарм адæмæн лæвар кæнынц. Æдæппæтæй къорды архайы 15 адæймаджы. Нæ республикæйы адæмон артист Бытъæты Роберты ныхæстæм гæсгæ актертæ бакодтой цымыдисаг куыст. Премьерæйæ аивадуарзджытæ разыйæ баззадысты. Сæ къухæмдзæгъд актертæн нæ бавгъау кодтой. Æрæджы Хъуылаты Аким æмæ Дзгойты Сергейы культурæйы министрад схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй. 2019 азы та сын хъуамæ радтой аивады сгуыхт кусæджы нæмттæ. Сæ фæлтæрдджын куыстæн уый уыдзæн аккаг аргъ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Æрæджиауы хорзæх»
Категория:
Новости и СМИ