Битарты Вячеслав арфæйы ныхæстæ ракодта Рауль Хаджимбайæн
Битарты Вячеслав арфæйы ныхæстæ ракодта Рауль Хаджимбайæн, Абхазы президентæй йæ ногæй кæй снысан кодтой, уый тыххæй. 9-æм октябры Сухумы кадджын уавæры уый ард бахордта. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг йæ фыстæджы куыд фæнысан кодта, афтæмæй Абхазы адæм Руаль ХАджимбайы æмхъæлæсæй кæй равзæрстой, уый дзурæг у, йæ куыст раст кæй кæны æмæ йæ фæлтæрдджын разамонæгыл кæй нымайынц, ууыл. Абхазы райрæзтмæ аккаг æвæрæн кæй хæссы æмæ фидæны фарстатæм лæмбынæг йæ хъус кæй дары, уый бæрæг у йæ куыстыл дæр. «Махæн, Цæгат Ирыстоны адæмæн, уæлдай æхсызгон у, Абхазы республикæ хъæддых къахдзæфтæ кæй кæны бирæвæрсыгон рæзты фæндагыл, æнтыстджынæй кæй кусы социалон-экономикон фарстатыл, кæй архайы республикæйы цæрджыты фæрныгад фæхуыздæр кæныныл, уый. Уыцы æнтыстдзинæдтæ сæ фылдæр къухы бафтыдысты Рауль Хаджимбайы фæрцы. Мæ зæрдæ йын зæгъы, дарддæр дæр ын пайадайаг куыст кæнын куыд æнтыса. Цыдæриддæр æм фæндтæй ис, уыдон йæ къухы куыд бафтой!» _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав арфæйы ныхæстæ ракодта Рауль Хаджимбайæн
Категория:
Новости и СМИ