РЦИ-Аланийы туризмы рӕзты фонд ныффидар кодта информацион фæйнæджытæ 8 арт-объектыл
Бæлвырд информаци райсын, цымыдисаг ӕцӕгдзинæдтæ базонын æмæ арт-объектты ахадындзинад сбæлвырд кæнын. Туризмы рæзты фонд бакуыста æмæ ныффидар кодта информацион фæйнæджытæ 8 инсталляцийӕн. Се 'хсӕн «Дамгъæ Æ», «Балцæджы цалх», «Скифский акинак» æмæ афтæ дарддæр. Стендты фæрцы туристтæ фылдæр зонынц Цæгат Ирыстоны культурæ æмæ историйы тыххæй. Фæйнæджытæ конд сты алюминæй. Текстты тыххæй та рагагъоммæ аныхас кодтой арт-объектты автортимæ.