Тæрхондоны пъырыстыфтæ микрофинансон куыстуаты раз нæлгоймаг цы хæс дардта, уый сæхгæдтой
Уæрæсейы пъырыстыфты разамынды Цæгат Ирыстойнаг хайады кусджытæ микрофинансон куыстуаты раз нæлгоймаг цы хæс дардта, уый сæхгæдтой. Нæлгоймаг хи пайдайæн райста 160 мин сомы. Тæрхондоны пъырыстыфтæ республикæйы цæрæгæн бамбарын кодтой, афоныл йæ хæс куы нæ бафида, уæд æй закъонмæ гæсгæ бафхæрдзысты. Уыцы хъусынгæнинаг нæлгоймаг ницæмæ æрдардта. Пъырыстыфтæ йын йæ ауайæнтæ æмæ банчы картæтæ æрæхгæдтой. Ахæм мадзæлтты фæстæ, нæлгоймаг цыбыр рæстæгмæ микрофинансон организацийы раз йæ хæс бафыста. Цæгат Ирыстоны тæрхондоны пъырыстыфтæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц цæмæй сæ хæстæ афоныл фидой. Хæс дарыс æви нæ уый базонæн ис федералон управленийы офицалон сайты, мобилон уæлæфтуан æмæ паддзахадон лæггæдты иугонд порталы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тæрхондоны пъырыстыфтæ микрофинансон куыстуаты раз нæлгоймаг цы хæс дардта, уый сæхгæдтой
Категория:
Новости и СМИ