Æрбабырсы
Фæлæ уал арвы дуар цытæ цæттæ кæны, уыдоны тыххæй. Уæлахизы бæрæгбонмæ боныхъæд йæ хуыздæртæй нæ уыдзæн, хъыгагæн. Абонæй фæстæмæ суанг 9-æм маймæ Цæгат Ирыстон бахаудзæн, йæхиуыл чи нæ хæцы, ахæм атмосферон фронтты уацары. Уыдон расайдзысты тыхджын къæвдатæм, уæдæ дымгæ дæр сæ сабыртæй нæ уыдзæн. Ахæм бæрæггæнæнтæ хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæйæ. Хæххон районты тæссаг уыдзæн лами доны лæсæнтæ рацæуынæй. Уымæ гæсгæ управленийы специалисттæ хъуырыцъарæй сидынц республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæм, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ. Арвмæ сæ хъæудзæн арæхдæр кæсын æмæ боныхъæды ивддзинæдтæ рагацау банкъарын. Тæссаг уавæры, кæнæ исты фыдбылызы чи бахауд, уыдонæн сæ бон у ирвæзынгæнæн службæмæ æрбадзурын. Сæ телефоны номыр раздæрау – 01, чырæ телефонæй дзургæйæ та – 101. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрбабырсы
Категория:
Новости и СМИ