Дыгурон театры сывæллæттæн равдыстой спектакль «Чудо зверь»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Хъуыдыджын æмæ мидисджын рауад Хъоцлаты Сосланы фыццаг куыст. Йæ фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ йæ бафæндыд 21 æнусы ногдзинæдтæ уырыссаг адæмон аргъæуттимæ бабæттын. Цы дзы рауад, æмæ цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрд аивадуарзджыты зæрдæты, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Гæззаты Зæринæ. Социалон хызӕгты ногдзинӕдтӕ нырыккон сывæллæттæн æнæзонгæ не сты. Дыгурон театры артисттæ чысыл аивадуарзджыты размæ рахастой райдианæй кæронмæ дæр уырыссаг адæмон аргъæуттæй нывæст спектакль «Чудо-зверь». Театр у царды айдæн, уымæ гæсгæ дзы аккаг бынат æрцахстой ныры дуджы æвдисæнтæ. Цæвиттон, хъæды халон тетушка Кар разынд блогер. Хъоцлаты Сосланæн ацы спектакль, куыд режиссерæн афтæ, у йæ фыццаг куыст. Кæд сæрмагондæй сывæллæттæн уацмысыл æмбæлгæ уагыл бакусын æнцон нæу, уæддæр æй культурæйы ацы къабазы йæхи бафæндыд афæлварын, фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ, сывæллæтты зæрдæтæм ссарын фæндаг. Спектаклы сæйраг хъуыды у арф æмæ цымыдисаг. Уæдæ куыд æцæг аргъау, афтæ йыл æвæрд ис егъау хъомыладон хæстæ. Сослан аивадмæ хуымæтæджы не`рбафтыд. Къорд рæстæг ирон аивадæн лæггад кæны ирон фæндыры зæлтæй, уымæ гæсгæ спектакль æххæст уыд кафтæй æмæ зардæй дæр. Сæрмагондæй спектаклæн фыст уацмыстæ нæ разынд, уымæ гæсгæ сæ театралон къорды минæвæрттæ бацӕттӕ кодтой сæхæдæг. Æвзæрстой иуыл зæрдæмæдзæугæдæр музыкалон уацмыстæ. Цымыдисаг та уый уыд, æмæ актертимæ æмархайд кодтой чысыл уазджытæ дæр. Сæ хъæлдзæг худт актерты ныфс бауагъта, ногæй та кæй сæмбæлдзысты. Райгондæй баззадысты хистæртæ дæр. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ спектаклы декорацитæ сты хæрзхуымæтæг. Сæйрагдӕр у актерты хъазт. Спектакль цардмæ рауадзынмæ та сæм тынг фæкаст Дыгурон театры аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ. Уæдæ фидæнмæ ног хъуыдытæ дæр фæзынд. Ныртæккæ уал «Чудо-зверь»-ы хъайтартæ ирон сценæйæ сдзырдтой уырыссагау, фæлæ йыл ноябрмæ бакусдзысты æмæ дыгуронау дæр сдзурдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv