«Сывæлæттæ-æрдз-цард»
«Сывæлæттæ-æрдз-цард» - ахæм экологон равдыст арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Йæ аразджытæ сты республикæй æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад, Дзæуджыхъæуы администраци æмæ нæ республикæйы нывгæнджыты Цæдис. Экспозицимæ бахауд 700 куыстæй фылдæр. Сæ автортæ сты республикæйы алы районтæй. Кадджын уавæры схорзæхджын кодтой æрыгон уæлахиздзауты æртæ номинацийы: «живопись», «графикæ», «декоративон-уæлæмхасæн аивад». Куыстытæн аргъ кодтой профессионалон нывгæнджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, хуыздæрты равзырын æнцон нæ уыд. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, экологийы фарста у æппæты вазыгджындæр. Æрмæст курдиатыл дзурын нæ хъæуы, фæлæ ма сывæллæттæ æрдз куыд уарзой æмæ йæ куыд хъахъхъæной, ууыл архайын хъæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Сывæлæттæ-æрдз-цард»
Категория:
Новости и СМИ