Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты абон байгом культурон ахуырадон проект «Этнолагерь 2019» Ала
Цæгат Ирыстоны 9 бæстæйы минæвæрттæ базонгæ уыдзысты сæ рагфыдæлтæ - Аланты культурæ æмæ æвзагимæ. Мадзалы архайынц Ирланди, Турци, Сири, Германи, Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны цæрæг ирæттæ. Уымæй уæлдай ма проекты бацархайынмæ нæ республикæмæ сæмбæлдзысты Сверловскы æмæ Санкт- Петербурджы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан куыд бафиппайдта, афтæмæй Мадзалы архайджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг экскурситæ музейтæм æмæ нæ республикæйы рæсугъдæр бынæттæм. Уымæй уæлдай ма, сын сараздзысты дæсныйад æвдисæн ахуыртæ ирон чъиритæ фыцынæй, зарынæй æмæ кафынæй. Абалц кæдзысты Хуссар Ирыстонмæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты абон байгом культурон ахуырадон проект «Этнолагерь 2019» Ала
Категория:
Новости и СМИ