Дзæуджыхъæуы уыд Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы сæрдар Александр Калягины пресс-конференци
Дзæуджыхъæуы уыд Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы сæрдар Александр Калягины пресс-конференци
Фæстæдæр Александр Калягин сарæзта пресс-конференци. Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы сæрдар, мæскуыйаг театр «Et Сeterа»-йы аивадон разамонæг куыд загъта, афтæмæй цæттæ у регионæн баххуыс кæнын театралон аивады рарæзты хъуыддаджы. Ныхас ма цыд, Ныгуылæны бæстæты 'рдыгæй санкциты аххосæй артисттæ цы зындзинæдтимæ æмбæлынц, уыдоныл. Радзырдта, Уæрæсейы ног регионты театралон цард фæстæмæ йæ къæхтыл куыд лæууын кæнынц, уый тыххæй дæр. Ныридæгæн уым фадат ис Цæдисы рæнхъытæм бацæуынæн. Александр Калягин фембæлд Уырассаг академион театры коллективимæ, бабæрæг кодта Евгений Вахтанговы хæдзар-музей. Куыд ма фæбæрæг кодта, афтæмæй фæнд кæны театр «Et Ceterа»-йы гастрольты пъланмæ Дзæуджыхъæу бахæссын.