Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг разамынды ерыстæ мини футболæй райдыдтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг разамынды ерыстæ мини-футболæй райдыдтой Цæгат Ирыстоны. Архайынц дзы зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ныридæгæн ахæм ерыстæ арæзт цæуынц фыццаг хатт. Турнир кадджын уавæры байгом кодта нæ республикæйы разамынды сæргълæууæг Александр Хоружий. Ерысты архайджытæ æмæ уазджытæм фæсидт арфæйы ныхæстимæ. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй турнирæн ис стыр ахадындзинад. Нæ республикæйы йæ сарæзтой ведомствæйы юбилейы агъоммæ. Турнир афæдзæй-афæдзмæ парахатдæр кæй кæндзæн, командæты нымæц дæр фылдæрæй-фылдæр, уый йæ фидарæй уырны. Ерысты сæ тыхтæ фæлвæрдтой Дигорайы 8-æм æмæ Дзæуджыхъæуы 16-æм зынгхуыссынгæнæн æмæ ирвæзынгæнæн хайæдты кусджытæ. Дигорайы командæ разынд арæхстджындæр. Матч ахицæн 2:1 хыгъдимæ. Ерысты сæйраг хæс у - мини-футбол профилон министрады кусджыты 'хсæн парахатдæр кæнын. Стæй кусджыты спортивон арæхстдзинад фæуæлдæр кæнын. Уыимæ ма, ерысты рæстæг æнæхъæн республикæйы хайæдты 'хсæн тыхджындæрты сбæрæг кæндзысты. Æдæппæтæй дзы архайынц 6 командæйы. Алы къорд дæр йæхи фæлвардзæн 15 хатты. Фембæлдтытæ цæудзысты алы къуыри дæр. Алы хъазт дæр цæуы 30 минуты. Хуыздæрты сбæрæг кæндзысты хъыгъдмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг разамынды ерыстæ мини футболæй райдыдтой

Категория:

Новости и СМИ