Дарддæр куыд?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Кæмæндæр хæдзар радтой, чидæр та æнæ хæдзарæй аззад. Лескены Батоты бинонтæ фыдбылызы бахаудтой – сæ хæдзар басыгъд. Бынтон диссаг та уый у, æмæ арт хуыссын кæнынмæ батагъд кодтой æрмæстдæр сыхæгтæ. Цалынмæ зынгуыссынгæнджытæ цыдысты, уæдмæ хæдзарæй ницыуал аззад. Ныр бинонтæ дардтæр цы кæной, уый сæхæдæг дæр не`мбарынц. Бæлвырдтæр нæ дардтæры æрмæджы. Бындурон цалцæджы фæстæ Батоты хæдзары хъуамæ циндзинад уыдаид. Сæ хистæр фыртæн – чындзæхсæв. Фæлæ нæ рауад. Чындзæхсæвы бонмæ ма æртæ боны куы хъуыд, уæд æнафон сæ хæдзар ссыгъд. Амондджын ирвæзт акодтой фондз бинойнаджы. Сæ сыхæгты руаджы. Уыдон ауыдтой арты взæгтæ, фæдисы фесты. Бинонты аирвæзын кодтой. Фæлæ хæдзарæй афтид къултæ йедтæмæ ницыуал баззад. Басыгъдысты сæ гæххæттытæ дæр. Эксперттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй, ацы фыдбылыз æрцыд электрон тыхы телтæ кæй нæ бæззыдысты æмæ цæхæр кæй калдтой, уый аххосæй. Цыколайы зынгхуыссынгæнæг службæмæ фæдзырдтой, æрцыдысты, фæлæ цалынмæ цыдысты, уæдмæ хæдзар басыгъд. Батоты бинонтæ æмæ сæ сыхæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, зынгхуыссынгæнджытæм сахатмæ хæстæг æнхъæлмæ кастысты. Адææм иумæйагæй дзурынц, зæгъгæ дам афоныл куы рцыдаиккой, уæд чи зоны хæдзар афтæ нæ басыгъдаид. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад разы не сты, сæ ныхæстæм гæсгæ зынгхуыссынгæнæ машинæ рæстæгмæ гæсгæ афоныл æрбацыд. Батоты бинонтæ фæбузныг сты сæ хорз сыхæгтæй.Уыдон сын сæ зындзинад фæрогдæр кæныныл йæ райдианæй абоны онг архайынц. Уæдæ æнæхъæн хъæубæстæйæ дæр бузныг сты. Æрвылбон архайынц хæдзарæй ма цы хæлддзæгтæ баззад, уыдон райхалын, æмæ бынат ссыгъдæг кæныныл.  уымæй уæлдай-ма сын æххуыс кæнынц æхцайы фæрæзтæй дæр. Хъыгагæн, ацы фыдбылыз хъæуы фыццаг нæу. Уыимæ сæ иуæй-иннæ диссагдæр. Хъæуы 800 хæдзарæй фылдæр ис, уыимæ дзы зынгсирвæстытæй æдасдзинады фарстайыл иу æмæ дыууæ боны нæ кусынц. Рагæй архайынц, ууыл, цæмæй сæ хъæуы зынгуыссынгæнæг службæйы пост куыд æмбæлы, афтæ кусын райдайа. Хъæуы администрацийы сæргълæууæг Тегкаты Артуримæ бирæ хæттыты бакъахдзæф кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады къæсæрæй, хъаст кодтой районы хицауадæн дæр, Æрмæстдæр иу курдиатимæ-зынгуыссынгæнæг службæйы пост скусæд,зæгъгæ.Фæлæ ницы. Диссаг та уый у, æмæ цæмæй зынгуыссынгæнæг службæйы пост куыд æмбæлы, афтæ куса, уымæн Лескены алцыдæр ис. Бæстыхайæ райдай æмæ машинæйæ фæуы. Нæй сæм æрмæстдæр æхцайы фæрæзтæ, зæгъынц Æрæфы районы администрацийы. Хицауады æххуысмæ канд Лескены цæрджытæ не`нхъæлмæ кæсынц. Тæссаг уавæры сты Æрæфы районы хæхбæстæ дæр. Администрацийæн уавæр æнæзонгæ нæу. Фыццаджы-фыццагдæр фæнд кæнынц бархион зынгхуыссынгæнджыты дружинæтæ скæнын. зонынц æй, бахъуаджы рæстæг, алы минут дæр зынаргъ у. Арт аххуыссын кæныныл тагъд архайын хъæуы. Уæд гæнæн ис æмæ ахæм фыдбылыз нал æрцæудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дарддæр куыд?

Категория:

Новости и СМИ