Шмулевичы номыл уынджы хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ уавæртæй

Ахӕм уымæлады куыд цæргæ у? Уымæй бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ фæрсынц Адæмон фронты уæнгты. Сæ ныккæнд ахæм уавæры кæдмæ уыдзæн? 18-æм июны Дзæуджыхъæу тæрккъæвдайы бын фæци. Снысан кодтой æнæнхъæлæджы уавӕры фæтк. Фылдæр цæф æрцыд Шмулевичы уынгыл. Мæнæ кадрты зыны, цъыф доны уылæнтæ пъадвалы рудзгуытæй мидæмæ куыд гуылф кæны, уый. Ныккæнд цæрджытæ сыгъдæгӕй дардтой. Ныр дзы æрбынат кодтой къогъотæ æмæ уымæлад. Цæрджытæ уавæрæй сфæлмæцыдысты. Æнæ резинæ цырыхъытæй бынмæ нæ ныххиздзынæ. Хæдзары ацы фарста иунæг нæу. Павел Булгаков куыд радзырдта, афтæмæй ам кæдæй цæры, уæдæй бæстыхайы сæр тæдзы. Хæдзары нæдæр рог, нæдæр бындурон цалцæг хъуыды кæны. Хи тыхтæй йæ адæм рафснаиккой, фæлæ сын фыццаг къæвдайы фаг уыдзæн. Нæлгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, дон къултыл афтæ хъары, æмæ æппынæдзух вæййынц хуылыдз. Цæрджытæ сæ уавæры фæдыл хъæстмæ бирæ ведомствотæм фæцыдысты. Цæрæнуæттæм цæстдарды комитетмæ, администрацимæ, прокуратурæмæ, разамынддæттæг компанимæ. Цæрджытимæ фембæлдмæ "Эксперт-ЖКХ" -йы генералон директор æрбацыд, фæлæ камерæмæ уавæры тыххæй йæ хъуыдытæ зæгъын не сразы. Адæмæн фехъусын кодта, ныккæнд ныссыгъдæг кæныны курдиатимæ горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ кæй фæсидт. Ахæм уавæр Шмулевичы номыл уынджы иунæг нæу. Ахæм пъадвæлттæ ис, æмæ дзы æлыг нæ, фæлæ дон уæрагмæ ис. Уый тыххæй радзырдта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хайады хицау Хуыбаты Давид. Цæрджытæ тыхсынц. Авари куы æрцæуа, уæд æй ахæм уавæрты чи аиуварс кæндзæн? Адæмон фронт адæмы фарсмæ балæууыд. Разамындæттæг компанийы генералон директор Абайты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, боныхъæд сæ куыддæр бауадза, афтæ цалцæг кæнын райдайдзысты хæдзары сæр. Активисттæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй сæйрагдæр у цæмæй адæм сæ фарстатимæ иунæгæй ма баззайой. Хъусын кæндзысты, сæ фарстатæ иуварсгонд æрцæуыдзысты æви нæ, уый тыххæй дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
17 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии