Афæдзы хатдзæгтæ
Абон Ирон театры схорзæхджын кодтой, ивгъуыд азы хуыздæр спортсменты. Паддзахадон хæрзиуджытæ сын кадджын уавæры радта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Фембæлды рæстæг хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы спортивон цаутæн. Æмткæй райсгæйæ, кады гæххæттытæй æмæ æхцайы премитæй хорзæхгонд æрцыдысты 160 адæймаджы. Се `хсæн, дунеон æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзауты чи бацæттæ кодта, стæй спортсменты хъомыладмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы тренертæ. Хорзыл банымайæн ис, ацы аз спорты мастеры кандитаты ном 412 атлеты кæй бахъахъхъæдтой, уый. Уæрæсейы спорты мастеры нормæтæ сæххæст кодтой 47 адæймаджы, 7-æй та систы дунеон къласы спорты мастертæ. Спорты сгуыхт мастеры ном саккаг кодтой иу адæймагæн. Ацы аз республикæйы уыд 200 алыхуызон æмвæзады ерыстæ. Зæгъæм, æппæтдунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Алантæ». Футболон бæрæгбон «Матч легенд», зæгъгæ, Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн, Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты фестиваль. Фембæлды куыд загътой, афтæмæй дарддæр дæр цæст дардзысты спортмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Афæдзы хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ