Дзæуджыхъæуы æрдзырдтой Терчы былгæрæттæ саив кæныны проектыл
Терчы былгæрæттæ саив кæныны проектыл ныхас цыд Дзæуджыхъæуы. Сæрмагонд æмбырды архайджыты размæ йæ рахастой архитектурон бюройы минæвæрттæ Олег Шапиро æмæ Иван Крашенинников. Сæйраг хъуыды у, цæмæй горæты æрдзон бынæттæ фылдæр фæзына. Цæугæдонмæ ис ныххизæнтæ саразæн. Уым сатæджы, сыгъдæг уæлдæфмæ цæрджытæ æмæ уазджытæ сæ уæгъд рæстæг æхсызгонæй æрвитдзысты. Администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй проект егъау у. Адæмы размæ рахæссыны размæ йæ хъæуы баххæст кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Терчы былгæрæттæ саив кæныны проект арæзт цæуы ДОМ.РФ-ы специалисттимæ æмгуыст кæнгæйæ.