Ног фæлладуадзæн парк

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Æрыдоны хъæппæрисджын фæсивæд сфæнд кодтой районы фæлладуадзæн парк сног кæнын. Сарæзтой йын проект æмæ Машукы рамбылдтой грант. Ныр дысвæлдæхтæй куыстытæм бавнæлдтой. Арæзтадон проектæн аргъ скодтой эксперттæ дæр. Цавæр рæсугъддзинæдтæй æлвасдзæн йæхимæ ног фæлладуадзæн бынат, уый нæ дарддæры æрмæджы. Чысыл Марк æххуыс кæны йæ фыдæн. Цыма йæ æмбаргæ кæны, ам рæхджы сабитæн фæлладуадзæн бынат сараздзысты, уый. Ныртæккæ Æрыдоны цæуынц арæзтадон куыстытæ. Парк саразыны хъуыды йæ цæрджытæм фæзынд рагæй. Æрыдоны адæм бангом сты, проект сарæзтой æмæ Машукы грант рамбылдтой. Ам раздæр уыд Фæскомцæдисонты номыл фæлладуадзæн бынат. Рæстæг ыл нæ бацауæрста æмæ заууатмæ æрцыд. Ныр егъау фæзуатыл фæзындзæн районы æппæты стырдæр парк. Фæлладуадзæн бынат бархионтæ хæмпæлгæрдæгæй æмæ быронæй ссыгъдæг кодтой. Хъæугæ коммуникацитæ та йæм бауагъта бынæттон администраци. Фæзуат йæхи айтыгъта иу гектарыл. Сæйраг арæзтадон куыстытыл уал балæууыдысты. Архайынц дзы бархионтæ. Уыдон сты алы организациты уæнгтæ æмæ, куыдфæндыйы цæстæй районы цардмæ чи нæ кæсы, уыдон. Парчы уыдзæн æхгæд сценæ æмæ 100 бадæн бынаты. Сценæйы размæ - адæмæн кафынæн фæзуат. Æдæппæтæй 4 хайы. Спортæй архайынмæ, лекцитæ æмæ семинартæ кæсынæн, стæй сывæллæттæн хъазынæн сæрмагонд фæзтæ. Парчы бæстастæу саив кæндзысты фонтанæй, рухсытæ бауаддзысты æмæ йæ дидинджытæй барæсугъд кæндзысты. Фæззæджы дзы ныссаддзысты 220 алыхуызон талайы. Фæлладуадзæн бынат районы цæрджытæн æмæ уазджытæн хъуамæ суа удæнцойы хос. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ног фæлладуадзæн парк

Категория:

Новости и СМИ