Не `взаг - нæ хæзна
Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Кадджын мадзæлтæ фæткмæ гæсгæ райдыдтой ирон аргъуаны пантеоны. Уым сæ архайджытæ ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзалы уыдысты нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады уæнгтæ æмæ культурæйы къабазы минæвæрттæ. 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ мадæлон æвзагыл бакастысты æмдзæвгæтæ. Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæт ирон адæмæн абон у кадджын æмæ ахсджиаг бон. Ортабайты Тимур, парти «Иугонд уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь: «Алы ирон адæймагæн дæр ирон æвзаг æмæ литературæйы бон ахсджиаг у. Нæ республикæйы æндæр адæмыхæттытæ дæр бирæ цæры. Уыдон дæр иронау хорз дзурынц. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон ацы мадзалæн республикæйы разамынд стыр аргъ кæй кæны, уый. Уымæй уæлдай ма дзы фенæн ис бирæ сывæллæттæ дæр. Уыдон сыгъдæг дзурынц сæ мадæлон æвзагыл». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Не `взаг - нæ хæзна
Категория:
Новости и СМИ