Æнусон кад
Горæт Калач-на-Донуйы минæвæрттæн балæвар кодтой Плиты Иссæйы номыл конд мемориалон фæйнæг. Кадджын мадзал уыд Уæрæсейы Президенты цур республикæйы минæварады. Плиты Иссæ уыдис, æфсæддон намысы ном чи хæссы, уыцы Калач-на Донуйы кадджын цæрæг. Мадзал сбастой, нæ номдзыд æмзæххоны райгуырды боныл 115 азы кæй сæххæст уыдзæн, уыимæ. Фембæды архайдтой Цæгат Ирыстоны æххастбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис æмæ федералон службæйы инæлар Евгений Мохов. Мадзалмæ ма `рбахуыдтой Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнг æмæ Фыдыбыстæйы Стыр Хæсты ветеран Бæрæгъуынты Тамерланы. Æмбырды бахастой фæндон Волгограды уынгтæ æмæ скъолатæн цæгатирыстойнаг хъæбатырты нæмттæ радтыны тыххæй. Уыцы хъуыддагыл нырма хъæудзæн бакусын. Уымæй уæлдай æрныхас кодтой фæсивæды патриотон хъомыладмæ фылдæр æргом здахыныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнусон кад
Категория:
Новости и СМИ