Хæдтæхæджы базыртыл
Дзæуджыхъæуы сарæзтой авиамоделон спорты хуызæй ерыстæ. Вæййы æрвылаз. Ацы хат дзы бацархайдтой нæ бæстæйы алы горæтты фæлтæрдджын спортсментæ. Се 'хсæн – æппæтуæрæсеон æмæ дунеон ерысты уæлахиздзаутæ. Чемпионаты амидингæнджытæ сты Цæгат Ирыстоны авиамоделон спорты федераци æмæ Сывæллæтты техникон сфæлдыстады центры минæвæрттæ. Мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны авиамоделон спорты бындурæвæрæг Семен Шкарины номыл. Спортсментæ пайда кодтой алыхуызон техникон фæрæзтæй. Сæ хæс уыд - 4 минутмæ пропеллерæй йæ ныхмæлæууæджы хæдтæхæгыл цы лент баст уыд, уый алыг кæнын. Кæд хæдтæхæг рхауд, уæд тæхæг æмæ механик фæхæрд сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хæдтæхæджы базыртыл
Категория:
Новости и СМИ