90 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны иунæг литературон журнал "Мах дуг"-ыл

90 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны иунæг литературон журнал "Мах дуг"-ыл. Йæ истори райдыдта 1934-æм азы. Уæдæй нырмæ бирæ кудиатджын фысджытæ сæ фыццаг къахдзæфтæ акодтой журналы сыфтыл. Уæдæ дзы кæддæриддæр мыхуыргонд цыдысты фæлтæрдджын æмæ зынгонд фысджыты уацмыстæ дæр. Абон ма хатдзæгтæ скодтой "Мæ фидæн мæм иронау дзургæ худы" журналы премийæн. Йæ лауретаттæ систы 29 адæймаджы 5 номинацийы. Схорзæхджын сæ кодтой кады гæххæтытæй, статуэткæтæ æмæ æхцайы фæрæзтæй. Преми у æппæтадæмон. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæй уæлдай ма дзы бацархайдтой Туркæй æмæ Хуссар Ирыстоны фысджытæ дæр. Преми ныр дыккаг хатт арæзт цæуы хæрзгæнджыты æххуысæй, уыдонæй иу Мæскуыйы егъау арæзтадон компанитæй иуы сæргълæууæг Джусойты Альберт. Журналы бæрæгбоны уазджытæ - республикæйы хицауады уæнгтæ, культурæ æмæ телеуынады кусджытæ, æхæснады минæвæрттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
46 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии