Абеты фыццаг сыфыл лæвæрд ирон мырты нымæц кæй фæкъаддæр
Абеты фыццаг сыфыл лæвæрд ирон мырты нымæц кæй фæкъаддæр, уый Хуссар Ирыстоны цæрджыты тынг дисы бафтыдта æмæ уыимæ не сразы сты. Уый фæдыл республикæйы разамынд, æвзаг иртасджытæ æмæ скъолаты ахуыргæнджытæ фембæлдысты чиныджы автор Битарты Зояимæ. Ирон алфавиты уыд æмæ уыдзæн 43 дамгъæйы, бафиппайдта президент Бибылты Анатолий. Бабар кодта чиныгыл бæстондæрæй бакусын. Ацы хъуыддаджы фæдыл адæм сабухтой социалон хызæгты. Чиныджы автор Битарты Зоя куыд фæнысан кодта, афтæмæй ирон æвзаг кæй бахастой, чи сæфы, ахæм æвзæгты номхыгъдмæ, уый тыххæй йæ хъæуы бахъахъхъæнын. Уыимæ ма бæстонæй бакусын йæ райрæзтыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырмæ сабитимæ куыстой Цæгат Ирыстоны уагъд чингуытæм гæсгæ. Куыд загъта, афтæмæй уыцы программæтæ хуссарирыстойнаг скъолаты домæнтæн дзуапп нæ лæвæдтой. Ацы чингуыты уыд бирæ æрмæг дыгурон диалектыл фыст. Уыимæ ма дзы Хуссар Ирыстоны тыххæй æрмæджытæ нæ уыд. Ахуыргæнджытæ `ййæфтой къуылымпыдзинæдтæ æмæ мæм сæ курдиатимæ фæсиддысты. Уый фæдыл сæвзæрд ахæм хъуыды, æмæ ахуыргæнджыты къорд сæмбырд кæнын æмæ чиныгыл иумæйагæй бакусын, зæгъта Битарты Зоя. Ивгъуыд аз октябры Хуссар Ирыстоны президенты размæ рахастон сæрмагонд программæ. Мæ курдиаты йæм фæсидтæн, цæмæй нæм æхцайы фæрæзтæй фæкæса. Декабры нын республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад бар ратта, программæйыл бакусын. Афтæмæй рухс федтой фыццæгæм къласæй фарæстæм къласы онг чингуытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абеты фыццаг сыфыл лæвæрд ирон мырты нымæц кæй фæкъаддæр
Категория:
Новости и СМИ