Тарскæйы хъæуы культурæйы хæдзар у бындуронæй цалцæг кæнинаг
Æнусы 'рдæгæй фылдæр æнæ цалцæгæй. Тарскæйы хъæуы культурæйы хæдзар ис заууат уавæры. Цар ныккæлын 'ввонг. Нæй дзы хъарм æмæ рухсдæттæн системæтæ. Уæдæ культурæйы артдзæсты кусæнгæрзтæ дæр раппæлинаг не сты. Диссаг та куыд нæу, ахæм уавæрты фæсивæд сæхи фæлварынц алыхуызон сфæлдыстадон къордты. Суанг ма конкурсты уæлахиздзаутæ дæр свæййынц. Тарскæйы хъæуы курдиатджын фæсивæд бæргæ ис. Аивадмæ æмхиц сты, фæлæ сын уавæртæ нæй. Хъæуы культурæйы хæдзар арæзт æрцыд 1967-æм азы. Уæлæмхасæн хуызы амад у рагон чырыстон аргъуаны цур. 55 азы æмгъуыдмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Бæстыхайы сæр заууат уавæрмæ кæй æрцыд, уый аххосæй йæ сæйраг агъуысты цар дыууæ хатты æркалд. Æмæ йæ кæд фыццаг хатт кусджытæ сæхи тыхтæй бацалцæг кодтой, уæд сын ныр ахæм гæнæн нал ис. Ам уæвын æдас нæу. Залы дуар кæддæриддæр у æхгæд. Фыдбылызæй диссаджы ирвæзт акодтам, зæгъгæ, зæгъы культурæы артдзæсты разамонæг. Уæвгæ, цары уавæрæй уæлдай, Тарскæйы культурæйы хæдзары бирæ райхалинаг фарстатæ ис. Рухсдæттæн системæ дæр ивгъуыд æнусы куыд скодтой, афтæмæй баззад. Абон ма электронтых иу агъуысты баззад, æмæ йæ бахъуаджы рæстæг иннæ бынæттæм уырдыгæй адæттынц телты руаджы. Уæдæ хъармдæттæг хызæгты уавæр дæр хуыздæр нæу. Хæтæлтæм фыр уазалæй бавналæн нæй. Цалдæр азы размæ электрон хъармгæнæнтæ самал кодтой, фæлæ сæ хъомыс агъуыстыты фæзуатыл не 'ххæссы. Æмæ ахæм уавæрты дæр хъæуы фæсивæд се 'сфæлдыстадон архайд нæ уадзынц. Аивадмæ уарзондзинад йæ туджы кæмæн ис, уыдон ын йæ бæрзæндтæм тырнынц. Фæлæ бирæ сабиты, се 'нæниздинадæн тæрсгæйæ, сæ ныййарджытæ культурæйы хæдзармæ нæ уадзынц. Культурæйы хæдзары ис кафт æмæ зарды ансамбльтæ. Уымæй уæлдай, ирон аив дзырды дæснытæ — адæмон театр. Æппынæдзух архайынц республикон æркастыты. Сæ æнтыстыты 'хсæн — 4 гран-прийы, уымæй уæлдай свæййынц фыццаг кæнæ дыккаг къæпхæны лауреаттæ. Цы 'хцайы фæрæзтæ рамбулынц, уыдонæй та самал кæнынц музыкалон аппаратурæ. Фæлæ уыдоны фæрцы, зæгъæм, пианино балхæнæн нæй. Цы музыкалон инструмент ис, уымæй та пайда кæнæн нал ис. Сидахъаты Азæмæт ам кусы ныр 5 азы дæргъы. Цалдæр азы размæ 1-æм къæпхæны педагог æрæмбырд кодта зарæггæнджыты къорд. Архайдтой дзы 15 адæймаджы. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ хуыздæр уавæрты фæдыл æндæр бынæттæм ацыдысты. Уавæр хуыздæры 'рдæм куыд ис аивæн, уый тыххæй бафарстам Горæтгæрон районы культурæйы управленийы разамонæджы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй объекттæ ноггонд цæуынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Уавæртæй уæлдай, хыгъдмæ ист цæуы цæрджыты нымæц дæр. Цалдæр азы дæргъы федералон программæйы фæрцы ног культурæйы хæдзæрттæ сарæзтой Михайловскæ æмæ Уæллаг Санибайы. Сцалцæг кодтой Комгæрон, Черменыхъæу æмæ Майскийы культурæйы артдзæстытæ. Куыстытæ цæуынц Сунжæйы дæр. Тарскæйы та аивадæй архайынæн фæнд кæнынц ног бæстыхай самайын. Ныр та уал Тарскæйы культурæйы хæдзары кусджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ æнхъæлмæ кæсынц æмбæлгæ уавæртæм. Зæрдæ дарынц, тагъд рæстæг се 'мхъæуккæгты культурæйы ног хæдзармæ сæ равдыстмæ кæй æрбахондзысты, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv